Кæм ыссæуы райгæ хур, уым
Сыгъд зæххыл, сыгъд-уырыд къæдзæхы сæр рæзы
Хæрзуд пальмæ, – иунæг, æрхуым.
(Нафийы тæлмац)
© Генрих Гейне, 2022
ISBN 978-5-0056-1117-8
Создано в интеллектуальной издательской системе Ridero
Азыр
Паддзахы рæсугъд чызг уадис
Фантанæн йæ цyрмæ «рвылбон.
Ам пырхæндæгæй уæд калдис
Арвмæ, заргæйæ, æвзист дон.
Алы ́зæр цагъар лæууыдис
Фантанæн йæ фарсмæ «нкъардæй.
Чызджы фенынмæ бæллыдис
Тади цæсты раз йæ уарзтæй.
Сау рæсугъд æм бацыд иу бон,
Уымæ цалдæр фарста радта:
«Чи дæ ды, цы знæмæн – хиуон,
Гъе, цы бæстæй ́рхаудтай ардæм?»
Дзуры лæппу уæд ныллæгæй:
«Азыр – Йеменæй, Мæхæмæт.
Уарзы махæй лæг æцæгæй,
Уæд йæ фæсхъус ис йæ мæлæт».
Der Asra
Täglich ging die wunderschöne
Sultanstochter auf und nieder
Um die Abendzeit am Springbrunn,
Wo die weißen Wasser plätschern.
Täglich stand der junge Sklave
Um die Abendzeit am Springbrunn,
Wo die weißen Wasser plätschern;
Täglich ward er bleich und bleicher.
Eines Abends trat die Fürstin
Auf ihn zu mit raschen Worten:
Deinen Namen will ich wissen,
Deine Heimat, deine Sippschaft!
Und der Sklave sprach: Ich heiße
Mohamet, ich bin aus Yemen,
Und mein Stamm sind jene Asra,
Welche sterben, wenn sie lieben.
«Атлант дæн æз, – æнамондты фыддæр!..»
Атлант дæн æз, – æнамондты фыддæр!
Хæссон æз хъуамæ сау зæххы уæззау сон.
Ысфæразæн цæмæн нæй, уый фæразон,
Кæд уымæй зæрдæ атондзæн, уæддæр.
О, хъал зæрдæ! Дæхи бæллиц куы уыд.
Дæу амондæй фæрныг уæвын фæндыд…
Ды дунейы фыдхъыгтыл кодтай зыд;
Рай, хъал зæрдæ! Дæ фæндиаг æрцыд!
«Ich unglücksel’ger Atlas! Eine Welt…»
Ich unglücksel’ger Atlas! Eine Welt,
Die ganze Welt der Schmerzen, muß ich tragen,
Ich trage Unerträgliches, und brechen
Will mir das Herz im Leibe.
Du stolzes Herz! Du hast es ja gewollt!
Du wolltest glücklich sein, unendlich glücklich,
Oder unendlich elend, stolzes Herz,
Und jetzo bist du elend.
«Æвиппайды ацæуынц азтæ…»
Æвиппайды ацæуынц азтæ,
Фæлтæртæ ивылынц мæрдтæм.
Æрмæст нæй ивгъуыйæн мæ уарзтæн,
Æнусты мæ риуы цæрдзæн.
Бæргæ ма дæ иу хатт куы фенин,
Æрлæууин мæ зонгуытыл уæд.
Мæлгæйæ дæумæ дзурæг фестин:
«Мадам, ды— мæ уарзон, мæ зæд!»
«Die Jahre kommen und gehen…»
Die Jahre kommen und gehen,
Geschlechter steigen ins Grab,
Doch nimmer vergeht die Liebe,
Die ich im Herzen hab.
Nur einmal noch möcht ich dich sehen,
Und sinken vor dir aufs Knie,
Und sterbend zu dir sprechen:
«Madam, ich liebe Sie!»
«Æрдæгæхсæв. Уазал. Æмыр…»
Æрдæгæхсæв. Уазал. Æмыр.
Æндзыг хъæды зилын æз ныр.
Фæсырдтон æнафоны бæлæсты фын.
Æнкъуыстой сæ сæртæ, æмбæрстой мæ зын.
«Die Mitternacht war kalt und stumm…»
Die Mitternacht war kalt und stumm;
Ich irrte klagend im Wald herum,
Ich habe die Bäum aus dem Schlaf gerüttelt;
Sie haben mitleidig die Köpfe geschüttelt.
«Æрдзы уаз зæлтæ сындæг…»
Æрдзы уаз зæлтæ сындæг
Зæрдæйы куы хизынц.
Зарæг уалдзыгон цæрдæг
Айзæлд, кæмтты зилы.
Дидиндонмæ атæх цырд,
Æрдзæн уым йæ фидыц.
Уардимæ фæхæсс мæ дзырд, —
Зæрдæ йыл нæ ивын.
«Leise zieht durch mein Gemüt…»
Leise zieht durch mein Gemüt
Liebliches Geläute,
Klinge, kleines Frühlingslied,
Kling hinaus ins Weite.
Kling hinaus, bis an das Haus,
Wo die Blumen sprießen.
Wenn du eine Rose schaust,
Sag, ich laß sie grüßen.
Æхсæвы хъуыдытæ
Германæй иппæрд – уый